Тексты песен на осетинском языке

Тексты песен на осетинском языке

Тексты песен на осетинском языке

Фёдор Суанов
«Иры лæппутæм»
Слова Михаила Цирихова, музыка Фёдора Суанова

Уынгмæ-иу ракæсут, Иры лæппутæ,
Æмæ фæцин кæнæм а зæххы кондыл…
<Чидæр та райхæлдта мæйы дзыккутæ,—
Уалæ æрхаудысты хæхты фæсонтыл.> x2

Комы сын фестади суадон фæтдзæгъдæн,
Къæдзæхты тигътæ та — ног чындзы пирæн.
<Уартæ сæм бавнæлдта дымгæ, æнхъæлдæн,
Æмæ сæ цухъхъайаг уафы нæ Ирæн…> x2

Мæйæн йæ дзыккутæй доны фæндырæн
Хъистæ куы скæниккам, уый мæ æрфæндид:
<Кæд æмæ ал’ изæр хъæлдзæг быдырæн
Диссаджы хъæлæсæй зарæг нывæндид…> x2

Тексты песен на осетинском языке

Марина Хутугова
«Кæцæй æй зоныс?»

Кæцæй æй зоныс, бирæ дæ уарзын?
Цæмæй йæ зоныс, ды дæ мæ уарзон?
Ды уый нæ зоныс, кæй дæ мæ дуне, гъей.
Куы мыл фембæлыс, куыд нæ йæ ’мбарыс,
Цæмæн æркæсын мæ къæхты бынмæ?
Дæ цæстытæм кæсын кæй нал у мæ бон, гъей.

Куыд нæ йæ ’мбарыс мæ цæстæнгасæй
Куыд нæ йæ ’мбарыс мæ зæрдæйы уарзтæй
Ӕнæ дæу цæрын кæй нал фæразын, гъей.
Ракæс-ма, лæппу, дæ алыфарсмæ,
Мыййаг мæ феныс чызджыты астæу…
Мæ сау цæстытæ, мæ даргъ дзыккутæ, гъей.

Зæрдæ фыруарзтæй фæйнæрдæм скъуыны
Ӕдзухдæр мемæ вæййыс мæ фыны
Куыд нæ йæ ’мбарыс мæ зæрдæйы фæндон, гъей.
Кæцæй æй зоныс, бирæ дæ уарзын?
Цæмæй йæ зоныс, ды дæ мæ уарзон?
Ды уый нæ зоныс, кæй дæ мæ дуне, гъей.

Тексты песен на осетинском языке

Залина Дзахоева — Цæмæй дæ уарзон

Цæмæй дæ уарзон, гъе-уый тыххæй у æцæг мæ уарзон.
Цæмæй дæ уарзон, гъе-уый тыххæй у уæздан, фæразон.
Уазæгæн хорз фынг æрцæттæ кæнын — дæуæн дæ бар у.
Уалдзæджы бакуыст, фæззæджы бæркад — мæ хæс, мæ бар у.
Цæмæй дæ уарзон, гъе-уый тыххæй, зон, æз дæн Цæрæзон.
Дæ номыл дугъы дæу рамбулынмæ уыдтæн сæ разон.
Цæмæй дæ уарзон, уый тыххæй дын уæд тæхудиаг уд
Æмæ ма йемæ фæлмæн цæстæнгас.
Æмæ ма гъе-уæд нæ фехъусдзынæ æфхæрæн ныхас.

Æмæ уæд афтæ нæ уарзондзинад йæхи æвдисдзæн.
Фараст лæппуйы, фæстаг нын иу чызг дæ зынтæ исдзæн.
Цæмæй дæ уарзон æхсæвæй-бонæй, сæрдæй-зымæгæй,
Уый тыххæй ма кæс мæ сонт рæдыдмæ бынтон тызмæгæй.
Æмæ нæм гъе-уæд æппæт адæм та хæлæг кæндзысты.
Нæ кады нæмттæ, нæ фарн, нæ амонд нæ фесæфдзысты.
Гъе-уый бæрц хæстæ æххæст кæнынмæ дæуæн зын ысты.
Дæ фæлмæн къухтæ, дæ урс уæхсчытыл нæ бацæудзысты.
Æмæ сын се ‘мбис, сæ фылдæр æмбис мæхимæ исын.
Нæ Мады Майрæм, нæхи Лæгты дзуар нын уæнт æвдисæн.

Источник

Войдите в ОК

Искуы мын куы бауарзай æндæр чызджы –

О мæ бон, гъе уымæй дын куыд тынг тæрсын.

Искæмæн куы райхалай дæ рухс фæндтæ,

Аскъуындзæнис уæд мæнæн мæ сонт зæрдæ. (2 хатты)

Сусæг уарзон раппæлинаг нæу.

Сусæг уарзон адджын у цæмæн?

Бауарзтон æз ме ‘намондæн дæу –

Басыгъдтай мæ сонт зæрдæ мæнæн. (2 хатты)

О, Хуыцау, ныппар ын, фаг кæй нæ куывта,

Уарзты цинæн аргъ кæнын кæй нæ зыдта.

Бафæлварон схъарм кæнын йæ салд уды.

О, Хуыцау, мæн фехъус, æз дæумæ кувын. (2 хатты)

Ме ‘намондæн бауарзтон дæу, ‘вæццæгæн,

Гъе та кæд ыстыр амонд ды дæ мæнæн.

Кæд Хуыцау фæлварæнтæй бæрæг кæны,

Уымæн дæ мæ уарзты тых мæнæн дæтты. (2 хатты)

ÆФСАТИЙЫ ЧЫЗГ БАДЗИНÆЙЫ ЗАРÆГ

‘Фсатийы буц чызг Бадзинæ.

Уымæй рæсугъддæр кæм уыд!

Иу бон йæм йе ‘мсæр зæдтимæ,

Уастырджи курæг фæзынд. (2 хатты)

Барджыты цин æмæ дугъæй

Кæрдæг æмризæджы рызт.

Уастырджи урсбарц æфсургъæй,

‘Фсатийы дуармæ æрхызт. (2 хатты)

Мады дзуар хурварс кæм бадти,

Зæдтæ уым сарæзтой хъазт.

Уазджытæм зæронд Æфсати

Мидбылты худгæйæ каст.

Разгæмтты рацыд Бадзинæ,

Диссаг, йæ бакаст, йæ конд.

Зæдтæ сæ ног чындзы цинæй

Систой сæ зарæг бæрзонд. (2 хатты)

Циндзинад — зарæгæй кадджын,

Йе ‘гъдауæй — намысджын лæг.

Елиа — чындзы æмдзуарджын,

Симынц нæртон симдæй зæдтæ,

Цуайнæгты нард фыд нæрсы.

Рог дымгæ арвы бæрзæндтæм

Фæндыры зæлтæ хæссы.

Бон æмæ æхсæвы арæн

Мæййæ фæлмæн рухс кæлы.

Зруджы зæрин Мады Майрæм

Зæдты фæндараст кæны. (2 хатты)

Уыцы бон Иры цы ‘гъдау уыд,

Уый нæ чындзæхсæвты уæд.

Цард нæ йæ сызгъæрин науыл

Амонды фурдмæ хæссæд.

Уыцы рæсугъд боны хъармæй,

Зæхх цыма хъарм у ныр дæр

Зæдтæ ‘мæ дауджыты фарнæй

Ирыстон, цæр æмæ цæр. (3 хатты)

О, УЫЦЫ ДЫУУÆ САУ ЦÆСТЫ

О, уыцы дыууæ сау цæсты,

Мæ тæригъæдæй бастъæлат!

Цæмæн бахаудтæн у‘ ахæсты,

Цæмæн базыдтон уарзты ад?

Уæ иу фæкастæй атайын,

Хуссары митау, хуссары.

Бæргæ уæ рохыл архайын,

Фæлæ уыйбæрц тых чи ссары!

Мидбыл худгæ мыл атыхсут

Хъызтзымæджы дæр, уалдзæгау.

Зæрдæйы фатау аныхсут

Æмæ фæвæййын уадзыгау.

Мауал мæм кæсут, ма кæнут,

Мауал мæ судзут алы бон!

Уæд та мæ иу сыгъд бакæнут

Æмæ уæ искуы фервæзон!

Содзгæ уарзт

Фейлауй нæ хуæнхтæй думгæ,

Будуртæй сатæг хæссуй,

Федауй дæуæй кизгай мæ цард.

Сау рæсугъд, дæу ку агорун,

Сау рæсугъд, дæумæ ку дзорун,

Мæ зæрдæ æдзох дæумæ бæллуй.

Содзгæ уарзт мæ реуий содзуй,

Содзгæ уарзт дæумæ ку дзоруй,

Мæ бæллец, кæми дæ, агорон дæу?

Зонис æй, дæу ке агорун,

Игъосис мæ фæлмæн зард.

Зонис æй, кæнун дæубал æнкъард.

Сау рæсугъд, дæумæ ку дзорун,

Сау рæсугъд, дæу ку агорун,

Мæ зæрдæ æдзох дæумæ бæллуй.

Содзгæ уарзт мæ реуий содзуй,

Содзгæ уарзт дау ку агоруй,

Мæ зæрдæ, кæми дæ, агорун дæу?

Зумагæн а фæсте уалдзæг,

Дидинæгау нейвул уй.

Хорау исуодзæй дæуæн дæ каст.

Тексты песен на осетинском языкеЗонун æй, искандзæй рæстæг –

Дау хæцца мах уодзæн хæстæг,

Мæ зæрдæ, исрæсугъд уодзæй цард!

Райвулдзæй дон – будурдарæг,

Райхъусдзæй мæргътæн сæ зарæг,

Мæ бæллец, амондгун уодзæй нæ цард!

Тексты песен на осетинском языке(2 хатты)

Райвулдзæй дон – будурдарæг,

Райхъусдзæй мæргътæн сæ зарæг,

Мæ бæллец, амондгун уодзæй нæ цард!

Судзгæ уарзт

Фæйлауы нæ хæхтæй дымгæ,

Быдыртæй сатæг хæссы,

Фидауы дæуæй чызгай мæ цард.

Сау рæсугъд, дæу куы агурын,

Сау рæсугъд, дæумæ куы дзурын,

Мæ зæрдæ æдзух дæумæ бæллы.

Судзгæ уарзт мæ риуы судзы,

Судзгæ уарзт дæумæ куы дзуры,

Мæ бæллиц, кæм дæ, æз агурын дæу?

Зоныс æй, дæу кæй агурын,

Фæхъусыс мæ фæлмæн зард.

Зоныс æй, кæнын дæуыл æнкъард.

Сау рæсугъд, дæумæ куы дзурын,

Сау рæсугъд, дæу куы агурын,

Мæ зæрдæ æдзух дæумæ бæллы.

Судзгæ уарзт мæ риуы судзы,

Судзгæ уарзт дæу куы агуры,

Мæ зæрдæ, кæм дæ, æз агурын дæу?

Зымæгæн йæ фæстæ уалдзæг,

Дидинæгау ивылы уый.

Хурау ыссудзы дæуæн дæ каст.

Тексты песен на осетинском языкеЗонын æй, ыскæндзæн рæстæг –

Демæ мах уыдзыстæм хæстæг,

Мæ зæрдæ, ысрæсугъд уыдзæн цард!

Раивылдзæн дон – быдыр дарæг,

Райхъуысдзæн мæргътæн сæ зарæг,

Мæ бæллиц, амондджын уыдзæн нæ цард!

Тексты песен на осетинском языке(2 хатты)

Раивылдзæн дон – быдыр дарæг,

Райхъуысдзæн мæргътæн сæ зарæг,

Мæ бæллиц, амондджын уыдзæн нæ цард

Мады Майрæм

Зæрдæйы цы сурæт хастон, –

Цæссыгтæй уый нал зыны.

Сонт удæй цы чызджы уарзтон,

Æмæ зæрдæ мастæй риссы, –

Уды риссаг карздæр у.

Иунæг Хуыцау уæд æвдисæн –

Уарздзынæн æй раздæрау.

Мады Майрæм, къух мыл ма сис,

Ма мæ ныууадз сидзæрæй.

Уарзтæй мын нæ уыди бафсис,

Ныр æнæ уарзт чи цæры?!

Мады Майрæм, сау барджытæ

Сау мæлæтмæ арвитæм,–

Ингæнæй мæ рухс зарджытæ

Ссæуиккой кæд уардитæй.

Зæрдæйы дæ сурæт баззад

Сау кæлæнау сау боны,

Æмæ карз зымæджы уазал

Уалдзæджы цин нал зоны.

Рухс цæстытæм ныр куыд бæллон,

Кæд мыл, оххaй, сау дарынц?

Нал æрцæуы уарзт æмгæрон –

Адзæгъæл ис сау тары.

Зæрдæйы нындзыг дæ сурæт,

Уый ма адæргæй уыдтон,

Æмæ, сау хъуыдытæ сургæ,

Уæд дæ Хуыцауæн кувтон.

Дзæнгæрджытæ ниудтой арвмæ –

Арв дæр гоби разынди.

Ехх, куы ма дæ фенин дардмæ,

Уæд мæлæтыл разы дæн.

Фæрнæй фæцæрай

О, мæ хуры хай, рæсугъд чызгай,

Ды дæ анусмæ мæ цард, мæ цин.

Ды дæ мæ бæллиц, рæсугъд чызгай,

Фæлмæн мидбыл мæм фæхуд, эй

Ды дæ мæ бæллиц, рæсугъд чызгай,

Фæлмæн мидбыл мæм фæхуд.

Фæрнæй фæцæрай мын, мæ царды дидинæг

Ды мын ыссыгътай мæ риу, эй

Ды дæ мæ бæллиц, рæсугъд чызгай,

Фæлмæн мидбыл мæм фæхуд, эй

Ды дæ мæ бæллиц, рæсугъд чызгай,

Фæлмæн мидбыл мæм фæхуд.

О, мæ дуне, фæрнæй цæрай,

Æхсызгон мын у дæ уынд, дæ цин.

Дæу цы бон федтон, рæсугъд чызгай,

Уæдæй дын мæ цард нывонд, эй

Дæу цы бон федтон, рæсугъд чызгай,

Уæдæй дын мæ цард нывонд.

Фæрнæй фæцæрай мын, мæ царды дидинæг

Ды мын ыссыгътай мæ риу, эй

Дæу цы бон федтон, рæсугъд чызгай,

Уæдæй дын мæ цард нывонд, эй

Дæу цы бон федтон, рæсугъд чызгай,

Уæдæй дын мæ цард нывонд.

Фарнæй фацæрай мын, мæ царды дидинæг

Ды мын ыссыгътæй мæ риу, эй

Ды дæ мæ бæллиц, рæсугъд чызгай,

Фæлмæн мидбыл мæм фæхуд, эй

Ды дæ мæ бæллиц, рæсугъд чызгай,

Фæлмæн мидбыл мæм фæхуд. (3 хатты)

Дыууæ уды

Мæ сæфт амонд, дæумæ цæуын фæдисы,

Дæуæн зарын мæ зарджыты хуыздæр,

Тексты песен на осетинском языкеДæ фæндагмæ æз рухс тынтæ æлвисын,

Дæ амондæн нывонд кæнын мæ сæр.Тексты песен на осетинском языке(2 хатты)

Стъалытæ бæрзонд арвыл куы хъазой,

Уæд дард хъуысы æхсæрдзæнты нæрын.

Дыууæ уды кæрæдзийы куы уарзой,

Уæд а зæххыл æнцондæр у цæрын.

Мæ хуры хай, кæм дæ, цы ран, цы бæсты

О, курын дæ – ыстъалыйау фæзын,

Фæзын æмæ дæ арфæйаг ныхастæй,

Фæсур мæ хур мæ сонт зæрдæйы зын.

Мæ хуры хай, мæ цин æмæ мæ катай,

Æртæ хурау дæ размæ хæстон æз,

Фæлæ кæсын дæ фæстæ ныр æнкъардæй,

Мæ цæстытыл æрмынæг и дæ хуыз.

Æви кæд нæй хъысмæты карзæй лидзæн,

Æви дын кæд мæ уарзт æрдхæрæн нæу,

Тексты песен на осетинском языкеЦæргæбонты дæу сурдзынæн мæхицæй,

Цæргæбонты æз агурдзынæн дæу.Тексты песен на осетинском языке(2 хатты)

Мæ уæздан фыд, æз дæн мæ цардæй разы,
Дæ амондæй мæ сбуц кодта Х уыцау,
Æмæ дæ, цыма, дун-дуне дæр уарзы
Дæ зарæггæнæг, де ‘рвхуызцæст чызгау.

Æз дæ уыдтон, цæвæгæй хос куыд карстай,
Куыд ластай хъæдæй дзаг суджы уæрдон.
Уæддæр-иу мæ дæ фæллад къухты хастай,
Уæддæр-иу хур дæ цæстыты уыдтон.

Базард:
Мæ кадджын фыд, ды бинонты мæсыг дæ,
Дæ ном дзуры мæ фæндыры хъæлæс.
Дæуимæ æз ирон зæххыл хъæздыг дæн.
Нæ ирон зæххыл базырджын дæн æз.

Изæрыгон къæсæрыл-иу куы рбадтæ,
Сыгъзæрин мæй йæ дзаг цæстæй куы каст,
Уæд-иу дын мах дæ зæрдæйы уаг хатгæ,
Нæ гыццыл кæрты ацарæзтам хъазт.

Фæндырдзагъдмæ къахфындзтæ-иу куы ’рсагътай,
Æндæр цин ма дæ цотæй уæд кæй хъуыд,
Уæд-иу ды та дæ мидбылхудгæ загътай:
«Чызджытæ, охх, мæ фæллад ныр ыссыд «.

Мæ мад цыма, æнцад цæугæдон, афтæ,
Мæ зынаргъ фыд та — урс хохы хуызæн.
Уæ дыууæйæн дæр арфæ кæнын, арфæ.
Зæрдæйы фарнæй срæсугъд кодтат мæн.

Базард.

Нæ базыдтон никуы циу мады рæвдыд
Мæ сабидуг сидзæр, æвæгæсæг уыд.
Сæууон хур цъæх арвæй мæн тавта йæ хъармæй
Æмæ мæм уый кастис мæ мады рæвдыд.

Фæзынди мæм фыны уæд иу хатт мæ мад,
Æнкъард уыд йæ хъуыды, фæкодта мæм загъд.
Дæхи, дам, цы марыс, дæ цæссыг цы згъалыс,
Хæцыд мæм рæвдаугæ мæ сызгъæрин мад.

Ныййарджыты фæдыл æнкъардæй кæсын,
Мæ риуæн йæ арфы мæ сагъæс хæссын.
Нæ бафсæстæн хурæй, зæрдæрыст, сæркъулæй
Ныййарджыты фæдыл æнкъардæй кæсын.

Цымæ дзы кæцы у мæ мады æнгас,
Цымæ дзы кæмæн ис мæ мады хъæлæс?
Йæ бахудт, йæ кастæй, йæ цин æмæ уарзтæй
Цымæ дзы кæцы у мæ мады æнгас?

Ныййарæгæй амонд. Цæй диссаг у, цæй!
Уый æрдзы хæрзтимæ нæ кæны хæццæ.
Æмæ йæ буц дарут, ныййарæгæн барут.
Ныййарæгæй амонд. Цæй диссаг у, цæй!

Источник

Тексты песен на осетинском языке

Тексты песен на осетинском языке

Хурзæрин
«Балы тала»
Слова Вильгельма Хасиева, музыка народная

Балы тала иу дидинæг рафтыдта,
Мыдыбындз æй адджын тæфæй базыдта.
Ратæхы йæм — зилгæ-зилгæ, ал’ райсом,
Дидин дзуры: «Æз æвзонг дæн, о мæ бон!

Бауадз уал мæ, хуры хъарммæ байрæзон,
Чи зоны дæ, о тæнбазыр, бауарзон».
Бындз райдайы уæд рæвдаугæ дзурын та:
«О, мæ къона, ма мæ фæсур, курын дæ!

Бакæс-ма мæм, æз куыд кæнын ленчытæ,
Хуры тынты цæст нæ лæууы ме ‘рттывдмæ».
Атухы йæ урс дидин йæ дарæсы,
Сусæг ныхас изæрмæ нæ фæсысы.

О, чызджытæ, иу дидинæг рафтыдта,
Мыдыбындз æй адджын тæфæй базыдта.
О, чызджытæ, зилгæ-зилгæ, ал’ райсом,
Дидин дзуры: «Æз æвзонг дæн, о мæ бон!»

Тексты песен на осетинском языке

Хурзæрин
«Доны кæсаг»
Слова и музыка народные

Доны кæсаг сурмæ схаудта…
Ой, уæрæйдæ, сурмæ схаудта…

Чызджы тæргæйттæ ’взагмæ ’рхаудтой!
Ой, уæрæйдæ, уæрæйдæ, рæйдæ!
Чызджы тæргæйттæ ’взагмæ ’рхаудтой!
Ой, уæрæйдæ, уæрæйдæ, рæйдæ!

Кафаг лæппу мын нæ уæндаг,
Хъæугæрæтты мын йæ фæндаг!

Чызджы тæргæйттæ ’взагмæ ’рхаудтой!
Ой, уæрæйдæ, уæрæйдæ, рæйдæ!
Чызджы тæргæйттæ ’взагмæ ’рхаудтой!
Ой, уæрæйдæ, уæрæйдæ, рæйдæ!

Дысоны мæйрухс, дысоны,
Уый та мын ме ’нцой фæхаста!

Чызджы тæргæйттæ ’взагмæ ’рхаудтой!
Ой, уæрæйдæ, уæрæйдæ, рæйдæ!
Чызджы тæргæйттæ ’взагмæ ’рхаудтой!
Ой, уæрæйдæ, уæрæйдæ, рæйдæ!

Дысоны рæсугъд, дысоны,
Уый та мын мæ уд фæхаста, гъей!

Чызджы тæргæйттæ ’взагмæ ’рхаудтой!
Ой, уæрæйдæ, уæрæйдæ, рæйдæ!
Чызджы тæргæйттæ ’взагмæ ’рхаудтой!
Ой, уæрæйдæ, уæрæйдæ, рæйдæ!

Тексты песен на осетинском языке

Хурзæрин
«Ихджын дæ, ихджын суадон»
Слова и музыка народные

Ихджын дæ, ихджын суадон,
Дæ былтыл цæуын нæу мæ бон.
<Уарзын дæ, уарзын, мæ уарзон,
Дæу ферох кæнын нæу мæ бон.> x2

Цы доны цæугæ ныууагътон,
Уый мын фæйлауын куы хъуыди.
<Цы чызджы кæугæ ныууагътон,
Уый мын рæвдауын куы хъуыди.> x2

Дон-дон дæр бирæ фæцыдтæн,
Донæй рæсугъддæр не ссардтон.
<Усгур дæр бирæ фæцыдтæн,
Дæуæй рæсугъддæр не ссардтон.> x2

Тæхуды, уымæн йæ къона,
Йæ кæрты суадон кæмæн ис.
<Тæхуды, уымæн йæ къона,
Йæ фарсмæ уарзон кæмæн ис.> x2

Урс доны былыл сау фæрдыг,
Бирæ дзы уымæн банызтон.
<Урс дæллагхъуыр дæ, сауæрфыг,
Бирæ дæ уымæн бауæрзтон.> x2

Уалдзыгон къæвда донласт у,
Æдзухдæр æм нæрын цæуы.
<Чызгæйы зæрдæ уæнгсаст у,
Æдзухдæр æм кæуын цæуы.> x2

Ихджын дæ, ихджын суадон,
Дæ былтыл цæуын нæу мæ бон.
<Уарзын дæ, уарзын, мæ уарзон,
Дæу ферох кæнын нæу мæ бон.> x3

Тексты песен на осетинском языке

Хор «Ирæттæ размæ»
«Къуайсайы зарæг»
Слова и музыка народные

Райсомæй сæуæхсид худгæйæ скаст,
Хуры тын сæрттывтæ урс хæхты сæр —
Уый та нын рæвдауы нæхи Къуайсайы,
Джоджора комы нын кæны сæр-сæр.

Базард:
Комы нарæг, номы зарæг
Уæларвмæ систа, ей.
Ой уæрæйдæ, хæхты зæрдæ —
Нæ уарзон Къуайса, ей.
<Махæн Къуайса бæрзонд у,
Махæн Къуайса рæсугъд у,
Махæн Къуайса бæркад у,
Махæн Къуайса нæ кад у.> x2

Стыр хæхтæн сæ риутыл хæзнатæ вæрд,
Къуайса-хох фестад сызгъæрины кар,
Шахтёрты фæллой — йæ алыварс нæ фидæн,
Райгуырæн бастæйы æмзæрди сыстæм.

Райсомæй сæуæхсид худгæйæ скаст,
Хуры тын сæрттывтæ урс хæхты сæр —
Уый та нын рæвдауы нæхи Къуайсайы,
Джоджора комы нын кæны сæр-сæр.

Тексты песен на осетинском языке

Мæ зæрдæ дын тæбæгъыл æрбахæстон,
Мæхицæй æнæ хæдзар куы сарыстон.
Æхсæвæй-бонæй æз дæ уындмæ фæбæллын,
Дæ уарзтæй тæригъæдтагæй куы мæлын.

Базард:
О, чызгай — нæл у, нæл мæ бон —
Баззайын æмбисæхсæвмæ стыр уынджы,
О, Хуыцау, кæм ис амонд мæгуыр лæджы?
Баззайын æмбисæхсæвмæ стыр уынджы,
О, Хуыцау, кæм ис амонд мæгуыр лæджы?

Барвитин дæм минæварттæ, о, мæ бон,
Фæлæ уый, кæмæн бауыдзæнис йæ бон.
Уæдз фехъусæд мæ зарджытæ, мæ бæлон,
Уый фарн æмæ уарзондзинад бакодтон.

Бацæуын та хæстæг æз дæ балконмæ,
Мæ зæрдæ куы нæл фæкæсы мæ коммæ.
Фенын дзы дæ мады бирæгъ цæстæнгæс —
Атайы мæ зæрдæйы æвирхъау маст.

Тексты песен на осетинском языке

Хурзæрин
«Сидзæргæс»
Слова Коста Хетагурова

Халон баргъæвст сындзыл.
Уад тымыгъ хæссы…
Сау айнæджы рындзыл
Нарыхъæу хуыссы…

Даргъ æхсæв фыдбонæй
Цард-удæн хуыздæр…
Рухс цæуы кæронæй, —
Бадынц ма кæмдæр…

Ма дис кæ йæ бадтыл! —
Цуайнаджы уæлхъус
Архайы йæ артыл
Иу саударæг ус.

Артдзæсты кæрæтты,
Фæныкмæ æнгом
Бадынц сывæллæттæ, —
Чи бæгънæг, чи гом…

— Ма кæут, мæ хуртæ, —
Дзуры сæм сæ мад, —
Афыцой хъæдуртæ…
Абадут æнцад.

Митæй дзаг æхсæлы
Мары фæздæгæй…
Цæстысыг ызгъæлы
Агмæ сусæгæй…

Хурхмæ схæццæ хъарæг:
«Дудгæ фæбада
Зæйы бын нæ дарæг,
Мах чи фæсайдта.

Буц хъæбул дæм дзуры, —
Сфæлмæцыд йæ мад, —
Махæн дæр дæ цуры
Сцæттæ кæ бынат!»

Артдзæсты кæрæтты,
Фæныкмæ æнгом
Бадынц сывæллæттæ, —
Чи бæгънæг, чи гом…

— Ма кæут, мæ хуртæ, —
Дзуры сæм сæ мад, —
Афыцой хъæдуртæ…
Абадут æнцад.

Бафæллад кæуынæй
Бинонты кæстæр, —
Къонайыл æрфынæй
Адæмы хуыздæр!

— О, гыцци, кæд уыдзæн?
Райс-ма, цæй, дæ аг.
— Абадут. Фæуыдзæн
Алкæй дæр йæ фаг…

Аг кæлы йæ былтæй, —
«Хъæдуртæ» фыцынц…
Алы ран тымбылтæй
Сидзæртæ хуыссынц…

Тексты песен на осетинском языке

Хурзæрин
«Чызджы сагъæс»
Слова и музыка народные

Баталынг и, хур фæсхохæй ахызти,
Хъæугæронæй зонгæ зарæг райхъуысти.
<Уый мæ уарзон æндæр чызгимæ рацæуы,
Судзгæ маст мæ сонт зæрдæйы нал цæуы.> x2

Ферохысты лæппуйы йæ ныхæстæ —
Фæззæджы кæй уыдзæнис нæ чындзæхсæв.
Баззадис мæ урс къухыл йæ къухдарæн,
Зæрдæйы та — карз сомытæ, удхарæн.

Фæлæ æз куыд ферох кæнон уыцы бон —
Уымæн æз куы райхæлдтон мæ рухс фæндон.
Загътон ын мæ цин æмæ мæ мастытæ,
Кастæн-иу ын комкоммæ йæ цæстытæм.

Кæд мæнæн цытæ дзырдтæй æцæг хуызæй,
Уыдон ныр фæкæныс ды æндæр чызгæн.
<Кæд мæныл фæхудыс ды æндæримæ,
Уæд дæуыл æрцæудзæнис мæ тæригъæд.> x2

Æз дæуыл нырмæ мæ зæрдæ не ’сивдтон,
Хъуамæ ма дыл иу ныхасмæ фембæлон.
<Раздæрау дæ стъалытимæ бардзынæн,
Æрмæст дæу тыххæй, зон, мæхи нæ мардзынæн.> x2

Тексты песен на осетинском языке

Хор «Ирæттæ размæ»
БАДЫН ÆЗ ТЕРЧЫ БЫЛ
муз.: Исидор Козаев, сл.: Сергей Хачиров

Ма мæм худ арф комæй,
Уарди буц дидинæг,
Мидбылты афтæ фæлмæн.
Уарзон чызджы бакаст
Уымæн æнминиуæг,
Фæлæ нæ равдæлы мæн.

Базард:
Бадын æз Терчы был
Ал’ изæр иунæгæй,
Фæлæ куы нал зыныс ды.
<Радым-ма, рог дымгæ,
Фæхуд уæларвæй мæй,
Азар, мæн зарын фæнды.> x2

Арф комæй быдырмæ
Уайыс ды Терчы дон,
Хъусын дæ зарæджы зæл.
Уыцы рæсугъд чызгæн
Фестон мæ царды бон
Уый у мæ зарæджы сæр.

Тексты песен на осетинском языке

Хор «Ирæттæ размæ»
«Дидинæг»
Слова и музыка народные

Хуры тынтæм райхалдтæ,
Дидинæг йæ сыфтæртæ.
Бахудтис йæ мидбылты,
Барухсис йæ рухс зæрдæ.

<Фæлæ хур куы бамбæхстис,
Хæхты фæстæ ’рхæндæгæй.
Дидинæг фæзæрдæхæлд,
Фемæхстысты цæссыгтæ.> x2

Мæйы тынтæ сусæгæй
Ратæхынц чыртæ-чыртæй.
Дидинæгыл атыхсынц,
Узæлынц ыл фырбуцæй.

<Фæлæ йæ нæ бандавынц,
Зæрдæ сæ нæ барайы.
Æхсæвбонмæ фырмæтæй
Бирæ цæссыг фезгъалынц.> x2

Фæлæ хур саумæрайсом
Хæхты сæр куы фæзыны.
Бæстæ фесты хуры тын,
Райынц кæмттæ æвæлмастæй.

<Дидинæг дæр бауигъы
Фырцинæй йæ къабузтæ,
Хуры тынтæ дойныйæ
Аназынц йæ цæссыгтæ.> x2

Тексты песен на осетинском языке

Хор «Ирæттæ размæ»
«Сусæг уарзт»
Слова и музыка народные

Йæ сусæг зарæг фыййау дæуыл кæны,
Мæ уарзты сагъæс æрмæст дæумæ тырны.
<Цы кæнон, мæ хур, кæдмæ йæ ’мбæхсон?
Мæ зæрдæ риуы бынтондæр ныддур, гъей.> x2

Дæ дыууæ цæсты — мæйтæ ’мæ хуртæ, гъей.
Дæ сусæг уарзтæй зæрдæ ныммурта, гъей.
<Цы кæнон, мæ хур, кæдмæ йæ ’мбæхсон?
Мæ зæрдæ риуы бынтондæр ныддур, гъей.> x2

Фæлтау æй, чызгай, балвырд куы зонин, гъей.
Цы мын зæгъдзынæ мæ сусæг уарзтæн, гъей?
<Цы кæнон, мæ хур, кæдмæ йæ ’мбæхсон?
Мæ зæрдæ риуы бынтондæр ныддур, гъей.> x2

Тексты песен на осетинском языке

Хор «Ирæттæ размæ»
«Уарзондзинады цæхæртæ»
Слова и музыка народные

Хъусынц нæм хъусынц дзыллæтæ
Абон нæ зарæджы зæлтæм.
<Чызгай, мæ цæстытæм æрбакæс —
Фенай куыд дыл у мæ зæрдæ.> x2

Бакæсын дæр дæм нæ уæндын,
Зæрдæ фыруарзтæй фæтоны,
<Фæлæ дыл баууæнд, æуæндын,
Бамбардзынæ мæ — уый зонын.> x2

Ничи мæ хъæуы дæ цуры,
Демæ мæ фыны фæдзурын.
<Судзынц мын судзынц мæ зæрдæ —
Уарзондзинады цæхæртæ.> x2

Де ’мбæлттæ сагъæс æмбарынц —
Уый мæнæ мысы дæ сурæт,
<Дæ алы къахдзæф дæр дын барын —
Ды дæ мæ зынтæн сæ сурæг.> x2

Мадзура куы уон дæ разы,
Иуварс дæ ме ’нгас куы здахон —
<Ма иу мæм рахæсс уæд чызг азым,
Ды мæн æнæрвæссон мæ схон.> x2

Ничи мæ хъæуы дæ цуры,
Демæ мæ фыны фæдзурын.
<Судзынц мын судзынц мæ зæрдæ —
Уарзондзинады цæхæртæ.> x2

Тексты песен на осетинском языке

Валерий Сагкаев
МАДЫ МАЙРÆМ
муз.: Шалва Циклаури, сл.: Тотраз Кокаев

Зæрдæйы цы сурæт хастон, —
Цæссыгтæй уый нал зыны.
Сонт удæй цы чызджы уарзтон,
Уый мæ дары азымы.

Æмæ зæрдæ мастæй риссы, —
Уды риссаг карздæр у.
Иунæг Хуыцау уæд æвдисæн:
Уарздзынæн æй раздæрау.

Базард:
Мады Майрæм, къух мыл ма сис,
Ма мæ ныууадз сидзæрæй.
Уарзтæй мын нæ уыди бафсис,
Ныр æнæ уарзт чи цæры?!

Мады Майрæм сау барджытæ
Сау мæлæтмæ арвита, —
Ингæнæй мæ рухс зарджытæ
Ссæуиккой кæд уардитæй…

Зæрдæйы дæ сурæт баззад
Сау кæлæнау сау боны,
Æмæ карз зымæджы уазал
Уалдзæджы цин нал зоны.

Рухс цæстытæм ныр куыд бæллон,
Кæд мыл, оххaй, сау дарынц?
Нал æрцæуы уарзт æмгæрон —
Адзæгъæл ис сау тары.

Зæрдæйы нындзыг дæ сурæт,
Уый ма адæргæй уыдтон,
Æмæ сау хъуыдытæ сургæ,
Уæд дæ Хуыцауæн кувтон.

Дзæнгæрджытæ ниудтой арвмæ —
Арв дæр гоби разынди.
Ехх, куы ма дæ фенин дардмæ,
Уæд мæлæтыл разы дæн.

МАТЕРЬ БОЖЬЯ
пер.: Роман Хугати

Образ, что в душе хранился,
Утонул в моих слезах.
Без ума в тебя влюбился,
Пусть винишь меня в грехах.

Хоть душа моя в надежде
С каждым днём сильней болит,
Видит Бог, что как и прежде
Буду я тебя любить.

Матерь Божья, просьбе внемли:
Дай любовь сполна познать.
Страсть покуда не объемлет,
Смысла жизни не понять.

И несчастья своей силой
От меня ты отведи,
Мои песни над могилой
Чтобы розами взошли.

В сердце образ твой всплывает,
Как видение во сне.
Стужа зимняя не знает
Радость страсти по весне.

Как мне взоров этих жаждать —
Носят траур ведь по мне?
Вот пришла любовь однажды, —
Сгинула потом во мгле.

Образ твой мне в душу вкрался —
В сердце я его носил.
Мрачных мыслей я чуждался —
Бога о тебе молил.

Вот, прервав молчанье, в небе
Слышен звон колоколов:
Вновь тебя увидеть мне бы,
Умереть чтоб был готов…

Тексты песен на осетинском языке

Владикавказ
«Мæ Ирыстон»
Слова Людмилы Галавановой, музыка Тимура Харебова

Мæ Ирыстон, куы бафсæдин
Æз зарынæй дæуыл.
<Æз райгуырдтæн дæ зæрдæйæ,
Дæ цæрайæ цæрын.> x2

Базард:
Мæ Ирыстон, дæ лæггæдтæ
Нæ бафыстон — сæттын.
Нæ бафыстон — сæттын.
Æз райгуырдтæн дæ зæрдæйæ,
Мæ зæрдæ дын дæттын.
Мæ зæрдæ дын дæттын.

Ды мæн, гыццийау, сабийæ
Мæ авдæны уызтай,
<Куы мæ арвыстай ахуырмæ, —
«Куыд дæ хъæбул?» — фыстай.> x2

Ды хоныс мæн дæ дидинæг,
Мæ удæн уый — æхцон.
<Кæд бахъæуон дæ хæрзæгæн,
Æртон-иу мæ, æртон.> x2

Тексты песен на осетинском языке

Роман Джихаев
«Мæ сæфт хуры хай»
Слова и музыка народные

Мæ сæфт хуры хай, сау рæсугъд чызгай,
Мæ хъис фæндырæй дæуæн куы зарын.
<Дæ фæлмæн зæрдæ, дæ мидбыл бахудт
Мæн дæр куы тавынц, нанайы рæсугъд.> x2

Дæ сау дзыккутæ, дæ сау æрфгуытæ
Æппынæдзух дæр мæ цæстыл уайынц.
<Дæ фæлмæн ныхас, дæ аив бакаст
Мæ зæрдæйы ис, сау рæсугъд чызгай.> x2

Мæ сæфт хуры хай, сау рæсугъд чызгай,
Мæ хъис фæндырæй дæуæн куы зарын.
<Дæумæ бæлгæйæ, дæумæ кæсгæйæ,
Мæ сусæг уарзтæй æдзух куы тайын.> x2

Тексты песен на осетинском языке

Роман Джихаев
«О, мæ уарзон»

О, мæ уарзон чызгай,
Сусæг ма кæн дæ каст,
Сусæг ма кæн дæ уарзт,
Науæд дæр тынгдæр
Мæнæн мæ риуы…

Зæрдæ фæтоны фыруарзтæй судзы
Мæ риуы дæ кастæй рагæй,
<Бамбæр мæ, чызгай,
Дæуыл кæй зарын —
Æнусмæ мæ зарæг, ой.> x2

О, мæ уарзон лæвар,
Ратт мын сусæгæй бар
Барвитон минæвар,
Науæд дæр тынгдæр
Мæнæн мæ риуы

Зæрдæ фæтоны фыруарзтæй судзы
Мæ риуы дæ кастæй рагæй,
<Бамбæр мæ, чызгай,
Дæуыл кæй зарын —
Анусмæ мæ зарæг, ой.> x2

О, мæ уарзон, мæ цард,
Иумæ скæнæм нæ зард,
Иумæ скæнæм бындур,
Науæд дæр тынгдæр
Мæнæн мæ риуы…

Зæрдæ фæтоны фыруарзтæй судзы
Мæ риуы дæ кастæй рагæй,
<Бамбæр мæ, чызгай,
Дæуыл кæй зарын —
Æнусмæ мæ зарæг, ой.> x2

Тексты песен на осетинском языке

Ацамаз Кочиев
«Мæ Хуыцау»
Музыка Сауассы

Зæрдæ ихы къæрттау асаст, —
Ныр æнцойад нал зоны.
Уарзондзинад — ихджын цъити —
Тайын кæны уалдзæджы.

О, Хуыцау, ныппар мын,
Фаг кæй нæ куывтон,
Уарзты цинæн аргъ кæнын
Кæй нæ зыдтон.

Бафæлварон уарзондзинад
А царды,
Бафæлварон схъарм кæнын
Мæ салд уды.

Æз рæхджы куы нæ фæзынон
Ма ’ууæнд — ацыдтæн дæуæй,
Ды мæ салд уд ысхъарм кæн,
Демæ баззайон цæмæй.

О, Хуыцау, ныппар мын,
Фаг кæй нæ куывтон.
Уарзты цинæн аргъ кæнын
Кæй нæ зыдтон.

Бафæлварон уарзондзинад
А царды,
Бафæлварон схъарм кæнын
Мæ салд уды.

Сис мæ, уазал ихæй байс мæ,
Батав уарзты зынгæй мæн.
Уарзт фæтыхджын уа мæлæтыл
Уарзт у диссаджы кæлæн.

О, Хуыцау, ныббар мын
Фаг кæй нæ куывтон.
Уарзты цинæн аргъ кæнын
Кæй нæ зыдтон.

Бафæлварон уарзондзинад
А царды,
Бафæлварон схъарм кæнын
Мæ салд уды.

Бафæлварон уарзондзинад
А царды,
Бафæлварон схъарм кæнын
Мæ салд уды.

Тексты песен на осетинском языке

ВИА «Хæхты зæлтæ» (сол. Эльвира Кусова)
«Нæртон симд»
Слова Ахсара Чеджемова, музыка народная

Æрсимут-ма нæртон симдæй
Нæртон сахъгуырдтæ саг марынц,
Æрсимут-ма æнгом симдæй,
Æнгом адæм та цард арынц.

Базард:
Тæхуды мæ йæ цæргæйæ
Зæххыл рæсугъд фæд чи уадзы,
Йæ хорз фыдæлты зæрдæйæ
Йæ ирон бæстæ чи уарзы.

Æрцæгъд-ма, чызг, дæ фæндырæй,
Дæрдтыл хæссон мæ къабæзтæ,
Мæ зарæджы зæлгæ мыртæй
Мæ цин зæгъон, мæ сагъæстæ.

Мæ худгæ хур фæскоймаг у.
Æз æм цæудзынæн а фæззæг.
Бæсты фидауц сылгоймаг у.
Хæрзуд сылгоймаг — фарнхæссæг.

Уæд ахæм амонд кæстæрты,
Буц нын куыд дарой хистæрты.
Бахизæд фарн сæ къæсæртыл,
Зæххыл рæсугъдæй чи цæры.

<Ирон зарæг — нæ Бонвæрнон,
Тæмæнтæ кал дæ рухс зæлтæй.
Фыдæлты кад, фыдæлты ном
Бæрзонддæр уæнт нæ урс хæхтæй.> x2

<Фыдæлты кад, фыдæлты ном
Бæрзонддæр уæнт нæ урс хæхтæй.> x2

Тексты песен на осетинском языке

Валерий Хуриев и ансамбль «Суадон»
«Содзгæ уарзт»

Фейлауй нæ хуæнхтæй думгæ,
Будуртæй сатæг хæссуй.
Федауй дæуæй, кизгай, мæ цард.

Базард:
Сау рæсугъд, дæу ку агорун,
Сау рæсугъд, дæумæ ку дзорун,
Мæ зæрдæ æдзох дæумæ бæллуй.
Содзгæ уарзт мæ реуи ’содзуй,
Содзгæ уарзт дæумæ ку дзоруй,
Мæ бæллец, кæми дæ агорон, гъей?

Зонис æй, дæу ке агорун,
Игъосис мæ фæлмæн зард.
Зонис æй, кæнун дæубæл æнкъард.

Базард:
Сау рæсугъд, дæумæ ку дзорун,
Сау рæсугъд, дæу ку агорун,
Мæ зæрдæ æдзох дæумæ бæллуй.
Содзгæ уарзт мæ реуи ’содзуй,
Содзгæ уарзт, дæу ку агоруй,
Мæ зæрдæ, кæми дæ агорон, гъей?

Зумæгæн æ фæсте уалдзæг
Деденæгау ниййвулуй.
Хорау иссодзæй дæуæн дæ каст.

<Зонун æй, искæндзæй рæстæг —
Дæу хæццæ мах уодзæн хæстæг,
Мæ зæрдæ, исрæсугъд уодзæй цард!
Раивулдзæй дон — будур дарæг,
Райгъусдзæй мæргътæн сæ зарæг,
Мæ бæллец, амондгун уодзæй нæ цард!> x2

Раивулдзæй дон — будур дарæг,
Райхъусдзæй мæргътæн сæ зарæг,
Мæ бæллец, амондгун уодзæй нæ цард!
___________________________________

Фæйлауы нæ хæхтæй дымгæ,
Быдыртæй сатæг хæссы.
Фидауы дæуæй, чызгай, мæ цард.

Базард:
Сау рæсугъд, дæу куы агурын,
Сау рæсугъд, дæумæ куы дзурын,
Мæ зæрдæ æдзух дæумæ бæллы.
Судзгæ уарзт мæ риуы судзы,
Судзгæ уарзт дæумæ куы дзуры,
Мæ бæллиц, кæм дæ агурон, гъей?

Зоныс æй, дæу кæй агурын,
Хъусыс мæ фæлмæн зард.
Зоныс æй, кæнын дæуыл æнкъард.

Базард:
Сау рæсугъд, дæумæ куы дзурын,
Сау рæсугъд, дæу куы агурын,
Мæ зæрдæ æдзух дæумæ бæллы.
Судзгæ уарзт мæ риуы судзы,
Судзгæ уарзт дæу куы агуры,
Мæ зæрдæ, кæм дæ агурон, гъей?

Зымæгæн йæ фæстæ уалдзæг
Дидинæгау ныййвылы.
Хурау ыссудзы дæуæн дæ каст.

<Зонын æй, ыскæндзæн рæстæг —
Демæ мах уыдзыстæм хæстæг,
Мæ зæрдæ, ысрæсугъд уыдзæн цард!
Раивылдзæн дон — быдыр дарæг,
Райхъуысдзæн мæргътæн сæ зарæг,
Мæ бæллиц, амондджын уыдзæн нæ цард!> x2

Раивылдзæн дон — быдыр дарæг,
Райхъуысдзæн мæргътæн сæ зарæг,
Мæ бæллиц, амондджын уыдзæн нæ цард!

Источник

🎬 Видео 🎥

Поделиться или сохранить к себе:
Технологии | AltArena.ru
Добавить комментарий

Нажимая на кнопку "Отправить комментарий", я даю согласие на обработку персональных данных, принимаю Политику конфиденциальности и условия Пользовательского соглашения.